Германийы Гуырдзыстоны минæварæй Елгуджа Хокришвили уыдзæн
Германийы Гуырдзыстоны минæварæй Елгуджа Хокришвили уыдзæн

Гуырдызстоны æттаг хъуыдтæгты министрад Германийы Гуырдызстоны минæварæй Елгуджа Хокришвилийы кандидатурæ бавдыста. Уагдоны информацимæ гæсгæ, премьер-министр Гиоргий Къвирикашвили йæ къух æрфыста хицауады бардзырдыл æмæ ныр Гуырдызстоны президентмæ æрцæудзæн æрвыст документ. Хокришвили 2014-2015 азты уыд Гуырдызстоны министрты кабинеты уæнгæй. Регионалон размæцыд æмæ инфраструкутрайы министры фæстæ та æрдз хъахъæды минситрæй куыста. Ныр та Елгуджа Хокришвили кусы Германийы Гуырдызстоны минæварады дипломативон миссийы сæйраг амонæгы посты.