Германийы фæсарæн хъуыддæгты министрады минæвар – Германийы хицауад тыхстæй кæсы Гуырдзыстоны цаутæм, кæд æмæ бæстæ бадзырдтæм æрыздæхын аскъуыддзаг кæндзæн, уæд Евроцæдисы дуар гом у
Германийы хицауад стыр тыхстдзинадæй кæсы Гуырдзыстоны цæугæ цаутæм, – уый фæдыл Германийы æддаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Кристиан Вагнер Deutsche Welle-имæ интервьюйы расидтис.
Уый куыд банысан кодта афтæмæй, кæд æмæ бæстæ бадзырдты фæндагмæ æрыздæхын аскъуыддзаг кæндзæн, уæд Евроцæдисы дуар гомæй баззайы.
«Тбилисы арæзт протестон акцитæм та цы хауы, бæрæг у, цæмæй бæстæйы цæрджытæй бирæтæ нæ дих кæнынц хицауады курс. Бæрæг факт у, цæмæй цæрджыты чысыл хай нæ фæнды Евроцæдисмæ бацæуын. Ацы адæймæгтæн ис æххæст бар радзурой сæ домæнты фарсылхæцындзинадæн, мах нæ разы кæнæм барадхъахъхъæнæг органты æрдыгæй æфхæрд æмæ тыхмидзинадæй», – райхъусын кодта Вагнер.