Германийы фæсарæн хъуыддæгты министрад æрбахуыдта минæвар Питер Фишеры консультацитæм
Германийы æттаг хъуыдтæгты министрад расидтис, цæмæй Гуырдзыстоны Германийы минæвар Питер Фишермæ консультацитæм фæсидтис, цæмæй сбæлвырд кæной, куыд адарддæр уыдзæн куыст.
Минæварады информацийæ, Германийы фæсарæн хъуыддæгты министр Иоганн Водеполь консультацитæм минæвар Фишеры æрбахонын аскъуыддзаг кодта.
«Бирæ мæйты дæргъы, Гуырдзыстоны къухдариуæгад агитаци кæны Евроцæдис, Германийы ныхмæ, афтæ дæр сæрмагондæй Германийы минæвар Фишеры ныхмæ.Уыймæ гæсгæ фæсарæн хъуыддæгты министр Иоганн Водеполь аскъуыддзаг кодта минæвар Фишермæ æрсидт консультацитæм, цæмæй сбæлвырд кæной, куыд адарддæр уыдзæн куыст.Сомбоны, Евроцæдисы æттаг хъуыдтæгты совет Гуырдзыстоны фарстайыл æруынаффæ кæндзæн» -ис фыст расидæны.