Германийы Бундестагы вице-президенты Гуырдзыстонæн  фарсхæцæн куыридат
Германийы Бундестагы вице-президенты Гуырдзыстонæн фарсхæцæн куыридат

Европæйæгтæ  бæрнон стæм йæ  фарс рахæцæм Гуырдзыстонæн – уый фæдыл  Германийы  Бундестагы  вице-президент, Клаудиа  Ротт  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министр, Давит Залкалианиимæ  фембæлды  фæстæ райхъусын кодта.  Фембæлд Мюнхены  æдадсзинады  конференцийы  фæлгæтты  сырæзт.

«Тынг  фæстиуæгджын  фембæлд уыд.   Бинонты  уæнгты  кæрæдзиимæ фембæлды æнгæс.  Тынг   зæрдæскъæфт дæн Гуырдзыстонæй, Тбилисæй, адæмæй.  Диссаджы  бæстæ  уын ис. Афтæ æнкъарын,  цæмæй   европæйæгтæ бæрнон  стæм  йæ фарс  рахæцæм Гуырдзыстонæн, уыцы  быцæусидтыстыл фæтых уыны, кæцыты раз   дæр  лæууы  бæстæ» – банысан кодта  Бундестагы  минæвар.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ фембæлдыл  иуæй-иу сæйраг  темæ,  оккупацигонд Гуырдзыстоны  регионты  уæвæг уавæр уыд.

«Цæй зæгъын æй хъæуы фæныхас кодтам  оккупацигонд  территориты тыххæй.  Уæрæсейæн ма хъуамæ раттæм бар банымайын, цæмæй  ацы  фарста  æхгæд у  æмæ уый Гуырдзыстон  бафидауа  Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны  оккупациимæ.  Уым ис  сæдæгай тыхбын бынативгæ  уæнг,   кæцытæ  алцыппæт фесæфтой. Уыдтæн уым, контролгонд,  нæ  фæнды  арæнæй  схонын, уымæн æмæ уый  арæн нæу, уыцы территори у  Гуырдзыстоны   скæнæг  хай. Фæныхас кодтон  фермертимæ, федтон кæугæ  адæймæгтæ,  адæймæгты  кæцытæ   алцыппæт   фесæфтой.  Уыдонæн нæу сæ  бон сæрмагонд  хæдзæрттæм æрыздæхын.  Фехъуыстон  скъæфты  цауты   фæдыл –  адон уыцы  темæтæ сты,   кæцытыл  мах, немыцæгтæ, европæйæгтæ  хъæрæй  хъуамæ дзуриккам.  Ма хъуамæ  хъуыды  кæнæм æрмæст ууыл, цæмæй  цы  уавæр ис Украинайы, кæцы  æцæгæй дæр нæрайсгæ у, фæлæ  раст ахæм  уавæр лæууы  Гуырдзыстоны дæр» –  банысан кодта Ротт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстон зæгъгæ  нысаниуæгджын роль æххæст кæны  регионы.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ,   Гуырдзыстонмæ ис тынг ахсджиаг роль.  Уый  у  регионы   иугæнæг.   Гуырдзыстоны  ис  стабилондзинад  æмæ  уын ис  сыхæгтæ  конфликттимæ.  Куы  фехъуыстон цæмæй  сомихæгтæ зæгъгæ фæзæгхынц, цæмæй   никуы  ныццæудзысты аАзербайджанмæ æмæ азербайджайнæгтæ   куы  дзурынц,  цæмæй  никуы  ныццæудзысты   Сомихыстонмæ ,  цæй  ма  фембæлæм  Гуырдзыстоны,  иумæ.

Афтæдæр  фæныхас кодтам   уæ бæстæйы райрæзты  шанстыл. Мæ хъуыдымæ гæсгæ,   туризм æххæст кæны  тынг ахсджиаг роль. Бирæ  немыцаг  фæуазæг вæййы  Гуырдзыстонмæ  æмæ  хъуыды кæнын,  цæмæй  сæ  нымæц  ноджы ф æфылдæр уыдзæн» – райхъусын кодта Германийы  Бундестагы  вице-президент.