Германийы æттаг хъуыдтæгты министр Израилмæ ныццыд
Германийы æттаг хъуыдтæгты министр Израилмæ ныццыд

 

Германийы æттаг хъуыдтæгты министр Израилмæ ныццыд.

Хаико Маас Израилмæ ныццыд. Тель-Авивы, Бен Гурионы аэропорты дипломатыл Израилы æттаг хъуыдтæгты министр Габи Ашкеназ фембæлд.

Ашкеназ бузныг расидтис гермайнаг коллегайæн «солидарондзинады визитæн» æмæ Германийы хицауадæн, Израилы фарсылхæцындзинадæн.

Маас, афтæ дæр фембæлдзæн хихъахъæнады министр Бени Ганцыл æмæ президент Реувен Ривлиныл.

Германийы меди фыссы, цæмæй Маас афтæ дæр ныццæудзæн Палестинайы территоримæ. Рамалы уый фембæлдзæн премьер-министр Мухамед Штаиейыл.

Израилмæ абон  афтæ дæр ныццæудзысты  Чехи æмæ Словакийы æттаг хъуыдтæгты министртæ.