Германи Украинайæн æфсæддон æххуысы радон пакет алæвæрдта

17:43, 17.08.2023

Германи Украинайæн  æфсæддон æххуысы  радон пакет  алæвæрдта.

Пакеты  фæлгæтты,  Украинамæ лæвæрд æрцыд   дыууæ иуæг  уæлдæфыныхмæ  системæ «IRIS-T» æмæ дæс  иуæг  мобилон радартæ, афтæма  155 мм-он   калибры  сармадзанты нæмгуытæ æмæ æндæр хæстæрмæг.

Æмтгæй райсгæйæ   Германи 2023 азы  райдайнæй  абоны онг Украинайæн  5.4 миллиард Евройы бæрц  аргъы   хæстæрмæг  адæтта.

Хуыздæр