Германи, цалдæр азы фæтобæ кæндзæн Шенгены зонамæ уыцы уæнгты бахызт, кæцытæ политикон æмбæхсæны куырдиатæй басидтысты
Германи, цалдæр азы фæтобæ кæндзæн Шенгены зонамæ уыцы уæнгты бахызт, кæцытæ политикон æмбæхсæны куырдиатæй басидтысты
Гуырдзыстонмæ, Германийы мидхъуыдтæгты министрады мигранты æрыздæхты штабы къухдариуæг Кристиан Клос æмæ Гермнаийы æттаг хъуыдтæгты министрады бæрнон Анет Гюнтер æрцыдысты.
Гуырдызстоны Германийы минæварады информацийæ, абон Кристиан Клос æмæ Анет Гюнтер Гуырдызстоны хицауады бæрзонд гæстыл фембæлдзысты æмæ уыдонимæ миграцийы сферайы актуалон цаутыл фæныхас кæндзысты.
Минæварады информацийæ, Германи, куыд дæсгай азты дæргъы Гуырдзыстоны æввахс партнер у æмæ уыцы æрдхордзинад 2017 æм азы йæ фарсыл рахæцыд Гуырдызстоны æмбæстæгты æнæвизон змæлды Шенгены зонамæ цыбыр рæстæгон визиттæн. Ацы фадатæй 200 минæй фылдæр Гуырдызстоны æмбæстаг спайда кодта.
Æнæвизон змæлд лæггад кæны афтæ дæр Германи æмæ Гуырдызстоны æхсæн бирæхуызон культурон, экономикон æмæ æхсæнадон контактты фæарфдæрæн.