Геральдикæйы совет æмбæстæгтæм сиды, автомобильтыл æмæ хæдзæртты уæлхæдзæрттыл сом паддзахадон тырыса райтындзынмæ кæнæ та тырыса рудзгуытæй рацауындзæт
14 январы Гуырдзыстоны паддзахадон тырысайы бон банысан кæндзысты.
Гуырдызстоны геральдикæйы паддзахадон совет æрсидтис æмбæстæгтæм, сом Гуырдызстоны паддзахаддзинады æмæ хæдбардзинады, националон æмæ гоймагон сæрибары сегасæй нгысаниуæгджын символæн аккаг скад кæныны нысанæй, сæ хæдзары рудзынгæй, æмбондтæй, райтауæт кæнæ уæлхæдзæрттыл æмæ автомобильтыл бафидар кæнæт Гуырдзыстоны паддзахадон тырыса.
«Паддзахадон тырыса националон иудзинады, нацийы историон фæндагы æмæ йæ фидæны æрдæм тырнынады символ у. Паддахадон хæдбардзинад ногæй рацарæзтимæ иумæ, Гуырдзыстон æрыздахта йæхимæ тырыса, кæцы æнусты дæргъы уыдис Гуырдзыстоны символ.
Сæрибар дзыллæйы фæфидаримæ иумæ, политикон тынгад сабыр æмæ æнæфæцудгæ равг куы райста, уæд æрлæууыд афон, цæмæй паддзахадон тырыса æрфидар кæна æмæ сæндидзын кæна йæ бынат Гуырдызстоны æмбæстæгты цардуагы.
Раст нæу паддзахадон тырысайы сбæттын æрмæстдæр паддзахадон уагдæттимæ, политикон партитимæ, протестон акцитимæ. Паддзахадон тырысайы бон сæрыфыццагæй у националон бæрæгбон. Паддзахадон тырыса алы æмбæстагы, алкæцы бинонты сæрмæмулкъы æмæ джелбетты символ у» – банысангонд Гуырдзыстоны геральдикæйы паддзахадон советы фидиуæны.
Геральдикæйы совет æнæпаддзахадон уагдæттæн æнхъары паддзахадон тырыса райтындзыны æгъдау, кæцы æвæрд у советы веб-фарсыл. Банысангонд æгъдæутты хъахъъæнын фæндон у æмбæстæгты æрдгæй дæр фæлæ æнæмæнгхъæугæ нæу.