«Georgian Airways» Тбилисæй Батуммæ комкоммæ рейстæ райдыдта
«Гуырдзиаг Авиахаххытæ» (Georgian Airways) Тбилисæй Батуммæ комкоммæ рейсытæ райдыдта. Фыццаг комкоммæ рейс абон Тбилисы æхсæнадæмон аэропортæй атахт.
Авиакомпанийы информацийæ, комкоммæ рейстæ Тбилисæй Батуммæ къуыри цыппар хатт уыдзысты: дыццæг, цыппæрæм, сабаты æмæ хуыцаубоны, бæлццæттæн æнцонвадат рæстæджы. Тбилисæй Батуммæ ацæуæн у 9:00 сахатыл, Батумæй та Тбилисмæ 19:30 сахатыл. Тæхыны рæстæг у 45 минуты.
Иуфарсон билеты аргъ у 295 ларийы.
Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты Тбилис-Батум-Тбилисы маршруты скусын кæныны фæдыл церемони сырæзт.
Æрæмбырдуæвджытæн раныхас кодтой «Georgian Airways»-ы директорты советы сæрдар Ираклий Мезвришвили æмæ TAV Georgia-йы генералон менеджер Закарадзе Теа. Мадзалы Гуырдзыстоны æмбæстагон авиацийы къухдариуæггæнджытæ, афтæ дæр Гуырдзыстоны æмбæстагон авиацийы агентады æмæ Гуырдзыстоны иугонд аэропортты минæвæрттæ истой хайад.