Географионæй зынвадат хъæуты æнæаргъæвгæ медицнон æххуысы бынæттонты бацæттæ кæндзысты
Уæлхох хъæуты, кæцыты географион равæрды тыххæй тагъд медицинон æххуысы бригадæтæн афоныл бацæуын зын кæны, æнæаргъæвгæ медицинон æххуысы æрдæм бынæттон цæрджытæн лæвæрд æрцæудзæн специалон къурсытæ, цæмæй тагъд медицнон æххуысы бриагæдæйы бацæуыны онг, фыццагон æххуыс ма байрæджы кæной – уый фæдыл Уæлхох районты райтынгы националон советы абоны рабадтыл фæуынаффæ кодтой, кæцы премьер-министр Мамука Бахтадзейы сæрдариуæгæй хицауады администрацийы ацыд.
Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй лигъдæтты, куысты, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министр Давит Сергеенко куыд райъусын кодта афтæмæй, ацы инновацион метод зæгъгæ, аппробиргонд у æндæр бæстæты.
«Уыцы цæрæн рæтты, кæцыты географион равæрды тыххæй, зынвадат кæнæ та иуæй-иу хатт бынтон æнæнтысгæ у, афоныл медицинон лæккад фæхæццæ кæнын,æмæ уыцы моменты та æнæмæнгхъæугæ у фыццаг минутты æнæаргъæвгæ медицинон æххуыс. Цалдæр адæймаджы сахуыр кндзыстæм, цæмæй уæдмæ цалынмæ квалифициргонд медицинон æххуыс бахæццæ уа бынатмæ, уыдон баххуыс кæной пациентæн. Хаххгондæй нысан кæнын уый цæмæй уымæй нæ фæхъаджджын уыдзысты медицинон æххусæй. Фæлæ уыцы факт цæмæй квалифициргонд медицинон æххуысы бригадæйы цауы бынатмæ бацæуыны онг, фыццаг минутты бынатыл æххуысхъом уæнгтæ кæй уыдзæн, умæй нысаниуæгджынæй фæфылдæр уыдзæн уæлхох ран цæрджыты нымæц æмæ ахæм хзъæутæн медицинон лæккад æнцонвадат скæндзæн» – бынсан кодта Давит Сергеенко.