Гендерон æмсæрадмæ гæсгæ, Гуырдзыстон 100 баллы аргълæвæрдæй, 79,38 баллы райста. Æмбæлон иртасæн публикаци скодта Дунеон Банкъ.
Эксперттæ бацахуыр кодтой сылгоймæгты барты уавæр 187 бæстæйы. Рейтинг баххæст кæныны рæстæджы сæ зæрдыл бадардтой ахæм уынинæгтæ – куысты мызд, куыстбынат, сæрмагонд бизнес, активты фæткдаруат, пенсион ифтонгад, бынативды сæрибардзинад, къайад æмæ сывæллон рагуырд.
Сылгоймæгты барты æрдгæй сеппæтæй хуыздæр уавæр ис Бельгийы, данийы, Францы, Латвийы, Люксембург æмæ Швецийы. Ацы бæстæтæ 100-йæ 10 баллы райстой. Уыйимæ иумæ ма, банысан кæнинаг у, цæмæй сеппæтæй стыр прогрессмæ гендлрон æмсæрады æрдгæй баххæссыд Франц. Реформæты руаджы уым ссæ позицитæ 10 баллæй фæхуыздæр кодтой.
Сылгоймæгты барты æрдгæй уавæр сеппæтæй фыддæр у Сауды Аравийы, Арабты Иугонд Эмиратты æмæ Суданы.
Цыдæриддæр та Гуырдзыстоны сыхаг бæстæтæм æххæссы, гендерон æмсæрады æрдгæй, Сомихыстоны уавæрæн аргъ скодтой 83,13 баллæй, Турчы 79,38, Азербайджаны 78,75, Уæрæсейы та 73, 13 баллы.