Геладзе Гека - Бузныг барадхъахъæнджытæн 4-æм октябры барад æмæ фæткæвæрды бæрзонд стандарттæ бахъахъхъæныны тыххæй, карзæй архайдзыстæм уыцы адæймæгты ныхмæ, кæцытæ халынц бæстæйы стабилондзинад
Геладзе Гека - Бузныг барадхъахъæнджытæн 4-æм октябры барад æмæ фæткæвæрды бæрзонд стандарттæ бахъахъхъæныны тыххæй, карзæй архайдзыстæм уыцы адæймæгты ныхмæ, кæцытæ халынц бæстæйы стабилондзинад

Чидæриддæр паддзахады ныхмæ ацæудзæн кæнæ барадхъахъæнæджы ныхмæ къух сиса, закъоны æххæст æмвæзадмæ гæсгæ дзуапп дæтдзæн – уый фæдыл мидхъуыддæгты министр Гека Геладзе министрады брифингыл расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, барадхъахъæнджыты профессионализм сифтонг кодта æмбæстæгты æдасдзинад.

«Ацы фадатæй мæ фæнды бузныг зæгъын барадхъахъæнджытæн, 4-æм октябры мадзæлтты рæстæджы æхсæнадон æдасдзинад æмæ фæтк иттæг бæрзонд стандарт æмæ профессионализмæй бахъахъхъæныны тыххæй.

Алчидæр ирдæй уыдта, Мидхъуыддæгты министрады пъæлицæйы дæлхайæдты алы минæвар дæр кæй архайдта æппæты бæрзонддæр стандартимæ, закъонмæ гæсгæ. Уый уыд бæлвырд æмæ раст уагъд пъæлицæйы мадзал, кæцыйы фæстиуæгæн паддзахад ныппырх кæныны фæлварæн баурæдтой.

Нæ пъæлицæйы кусджыты æдасдзинад æмæ паддзахадон хъахъхъæнынады сæрмагонд службæйы кусджыты координиргонд архæйдтытæ ноджы иу хатт сбæлвырд кодтой, цæмæй Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнæг системæ фидар æмæ организацигонд у. Растдæр нæ барадхъахъхъæнджыты стыр профессионализмы фæстиуæгæн бантыст æмбæстæгты æдасдзинад æмæ бæстæйы стабилондзинад бахъахъхъæнын.

Мах æппæты карздæрæй архайдзыстæм æппæт уыцы адæймæгты ныхмæ, кæцытæ хъавынц нæ бæстæйы стабилондзинад æмæ закъоны уæлдæрдзинад фехалынмæ. Паддзахады ныхмæ чи ацæуа кæнæ барадхъахъхъæнæг органты кусæджы ныхмæ йæ къух чи сисдзæн, уый дзуапп дæтдзæн закъоны æххæст æмвæзадмæ гæсгæ. «Карзæй» – расидтис Геладзе.

Информацийæн, мидхъуыдтæгты министр, Геладзе Гека, министрады брифинг сарæзта æмæ банысан кодта, цæмæй 4-æм октябры æрцæугæ цауты фæдыл ноджы 16 адæймаг æрцахстой æмæ æдæппæт 62 адæймаг у ахст.