Гека Геладзе  Кореяйы республикæйы минæваримæ базонгæгæнæн фембæлд ауагъта 
Гека Геладзе  Кореяйы республикæйы минæваримæ базонгæгæнæн фембæлд ауагъта 

Мидхъуыдтæгты министр Гека Геладзе базонгæгæнæн фембæлд сарæзта Гуырдзыстоны Кореяйы Республикæйы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Хён Ду Кимимæ.

Мидхъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, фембæлдыл фарсытæ акцент сарæзтой Гуырдзыстон æмæ Кореяйы Республикæйы æхсæн хæларадон ахастытæ æмæ бæрзонд æмвæзады æмкуыстдзинадыл, куыд дывæрсыг, афтæ дæр бирæфарсон форматы.

Гека Геладзе,  Кореайы минæвары мидхъуыдтæгты министрады цæугæ реформæтимæ базонгæ кодта. Афтæдæр хъусдард аздæхтой барадхъахъхъæнæг сферæйы æмгуыстады нысаниуæг æмæ ацы здæхты ахастытæ фæарфдæр кæныны перспективæтæм.

Фембæлды кæрон фарсытæ равдыстой ныфс, иумæйаг архайды фæрцы дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг æмгуыстад æмæ дывæрсыг ахастытæ ноджы тынгдæр кæй фæтыхджындæр уыдзысты.