«Гардианы»  хъусинагæй, Евроцæдис октябрьмæ Прагæйы плангонд саммитмæ  хъавы, Стыр Британийы ног премьер-министры, афтæма цалæдр сыхаг бæстæйы, сæ нымæцы Гуырдзыстоны  фæхонын
«Гардианы» хъусинагæй, Евроцæдис октябрьмæ Прагæйы плангонд саммитмæ хъавы, Стыр Британийы ног премьер-министры, афтæма цалæдр сыхаг бæстæйы, сæ нымæцы Гуырдзыстоны фæхонын

 

Евроцæдис октябрьмæ  Прагæйы плангонд  саммитмæ  хъавы,   Стыр Британийы   ног премьер-министры,  афтæма цалæдр сыхаг бæстæйы, сæ нымæцы  Гуырдзыстоны  фæхонын.

Уый фæдыл  информаци хъусын кæны «Гардиан».

«Гардианы» информацийæ,   саммитыл  каст уыдзæн   ног  организаци, кæцы Европæйы континенты  демократитæ стынг кæндзæн.

Европаг  Советы президент Шарль Мишел, «Гардианимæ»   æмæ æндæр европаг   медиафæрæзтимæ  райхъусын кодта, цæмæй  дызæрдыг нæ кæны,  ома Стыр Британи уыдзæн   хуынд Чехы  сæйраг горæтмæ, Цæгат Ирландийы  протоколы æрдгæй  уæвæг зындзинæдтæм нæкæсгæ.

Рауагъдады  хъусинагæй,  Евроуæдисы саммитмæ  хуындты нымæцы  уыдзысты   афтæдæр Норвеги æмæ Швейцари, афæтма фараст бæстæ, кæцытæ  тырныц  Евроцæдис ыуæнгсуæвынмæ, сæ нымæцы  Гуырдзыстон, Украина, Молдовæ æмæ Балканты  æхсæз бæстæ, афтæма  Сомихыстон æмæ Азербайджан.

Уыимæ  медиа куыд фыссы афтæмæй,  Евроцæдисы мидæгæй даууаг  у  саммитмæ Турчы  хуынды  фарста, уымæн æмæ уый ныхмæ сты Греци æмæ Кипр. Шарль Мишель  интервьюйы  куыд  загъта афтæмæй,   Евроцæдис хъуамæ фæхона Турчы, фæлæ йæ  фæнды  бæлвырд  базонын, цæмæй  уыимæ разы сты  коллегæтæ иууылдæр.

Рауагъдад фыссы, цæмæй Шарль Мишель  Францы  президент Эммануэл Макронеы  хæстæг политикон   æмцæдисон у.  Макрон  цæугæ азы  зæрдæвæрæны  мæйы раыд европаг политикон  æхсæнад саразыны идеяйæ, кæцы ссиу кодтаит континенты  алы  демократийы, сæ нымæцы  Украинайы  æмæ Евроцæдисы  æндæр   аспирантты Ныгуылæн Балканты.

Фæлæ медиайы  хъусинагæй,  ис  цæстæнгас ома Европаг   политикон дзыллæ гæнæн ис  рафæлхатт кæна  уæвæг иугæндтæ, цахæмдæр у Европæйы æдасдзинады æмæ  æмгуыстады организаци –  OSCE. Шарль Мишель  банысан кодта, цæмæй лидерты фæнды, саразын æнæформалон  æмæ тынг   тасгæ  орган, Стыр Авды æмæ Стыр Дыууыны  хуызæн.ж

«Вазыгджын структурæ нæ  нæ хъæуы» –  загъта  Шарл Мишел.

Прагæйы  Евроцæдисы саммит   6 октябрмæ у плангонд. Стыр Британийы ног премьер-министр  сом хъуамæ фæбæрæг уа.