Гаприндашвили æмæ окупиргонд территоритыл уæвæг ситуацийы фæдыл фидиуæн парахат кæны
Гаприндашвили æмæ окупиргонд территоритыл уæвæг ситуацийы фæдыл фидиуæн парахат кæны
Адæймагы барты хъахъхъæнæг æппæтдунеон организаци “Амнести интернеишнл” фидиуæн парахат кæны, кæцы ис фыст, цæмæй Хуссар Ирыстон – Цхинвалы регионы сепаратистон территори æмæ иннæ фарс Гуырдзыстоны фарс змæлды тобæдзинад бынæттонты барты карзæй халы.
“Амнести интернейшнл”-ы фидиуæны ис фыст, цæмæй сентябры мæйы фæстæ, дэ-факто хицауад Цхинвалы регионы дихгæнæг хаххыл архайæг иунæг а.х. пунктыл змæлд фæтобæ кодта, кæцы ноджы фыддæр гуманитарон уавæр бынæтонтæн ратта.
Фидиуæны ис фыст, цæмæй стыр проблемæтæ ис рагон æмбæстæгтæн, студенттæн æмæ скъолайы ахуыргæнинæгтæн. Бынæттонтæ цух сты райсой Тбилисы квалифицион медицинон æххуыс.
“Амнести интернейшнлы” фидиуæны ис фыст, цæмæй снысангонд фактты аххосагæй иу цау трагиконæй дæр фæцис.
Документы ис афтæ дæр фыст, дохтыр Важа Гаприндашвилийы ахсты фæдыл:
“æппæтдунеон рæстадмæ гæсгæ, хъизæмар æмæ æндæр фыдми, æнæгуманон архайдтытæ æмæ ахæм ахстытæ сты тобæгонд. Снысангонд тыгъдады , куыд Уæрæсе афтæ дæр дэ-факто хицауад хъуамæ сыххæст кæной, цæмæй Важа Гаприндашвили æссæрибар уа æмæ йын хъуамæ уа лæвæрд компенсанци.
Важа Гаприндашвили у иуæй- иу уыцы цыппарæй, кæцытæ 9-æм -11 æмæ ноябры а.х. арæны ахызты аххосагæй æрцахстой. æртæйы æссæрибар кодтой.
Важа Гаприндашвилийæн та аххосаг фæуæззау кодтой. Дэ-факто хицауад хъуыды кæны, цæмæй уый специалонæй ахызт арæныл. Ахстгонд æртæ уæнгæй иу – Шота Бидзинашвили, кæцы Важа Гаприндашвилиимæ иумæ Цхинвалы изоляторы фараст бон ауагъта, медиимæ расидæны расидтис, цæмæй уыдон уыдысты уазал æмæ умæл бынаты, кæцы ран дæр уæлдæф нæ уыд. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ахсты рæстæджы уый фæзиан кодта сæр, фæлæ медицинон æххуыс нæ райста, афтæ дæр фыццаг æртæ бон уыдонæн нæ хæрын кодтой”, -ис фыст фидиуæны.