Гæртам сисыны аххосагæй ПÆК-ы кусджытæ æрцахстой VI артиллерион штабы «S-3»-ы хистæры
Паддзахадон æдасдзинады куысты антикоррупцион агентады кусджытæ, хъахъхъæнынады министрады генералон инспекциимæ æмкуыстгæнæгæйæ уагъд оперативон –агурæн æмæ фæдагурæн мадзæлтты фæсиуæгæн, гæртам райсты аххосагæй, Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады хъахъхъæнынады тыхты ныгуылæны сæрдарады VI артиллерион штабы «S-3»-ы хистæры, С.Б.-ы æрцахстой.
«Фæдагуырдæй фæбæрæг ис, цæмæй С.Б. Гуырдызстоны æмбæстагæй Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады куыст райдаыны, физикъон нормативтæ раттыны æмæ Афгъанистаны Исламы Республикæйы æхсæнадæмон миссийы хайад райсынмæ арвитыны бæсты, гæртамæй æркуырдта 2500 АИШ доллары, кæцытæй развæлгъау расайдта 1000 АИШ Доллар.
Фæдагуырд райдыдта гæртам сисыны фактыл (Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 338-æм статийы фыццаг хайæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары ахстæй бафхæрд 6-æй 9 азы онг æмгъуыдмæ). Хъуыддаг æвзары паддзахадон æдасдзинады куысты антикоррупцион агентад», – хъусын кæнынц ПÆК-ы.