Габриелиус Ландсбергис – Стратегион æдасдзинад сывзæрстой сæхæдæг украинаг æмæ гуырдзиаг адæмтæ, кæцыйæн цыт хъуамæ кæнæм, ис нын фадат, æххуыс райрæзын кæнын уыцы бæстæтæн, кæцытæм æртхъирæн кæны Уæрæсе
Хъуыды кæнæм, цæмæй Уæрæсе реалонæй цæттæ кæнæы Украинайы ныхмæ æппæтылæххæссæг хæстмæ æмæ уый æвæццæгæн уыдзæн, прецедент цæмæн нæй ахæм фæзынд Дыккаг дунеон хæсты фæстæ. Уымæ гæсгæ дæр, хъуамæ уæм тынг дырыс æмæ цæттæ уымæ, – уый фæдыл райхъусын кодта Лиетувæйы фæсарæн хъуыддæгты министр, Габриелиус Ландсбергис Брюсселы Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты советы рабадты размæ.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ, гæнæн ис уый дæр, æмæ райрæзын кæной æххуыс уыцы бæстæтæн, кæцытæм дæр æртхъирæн кæны Уæрæсе.
«Абон сегасдæр нысаниуæгджын темæ уыдзæн Украинайы арæны цур æфсæддон тыхты æмбырды фæдыл дискусси. Хъуыды кæнæм, Уæрæсе реалонæй цæттæ кæны Украинайы ныхмæ æппæтылæххæссæг хæстмæ æмæ уый уыдзæн прецедент цæмæн нæй ахæм фæзынд Дыккаг дунеон хæсты фæстæ. Уый тыххæй дæр, хъуамæ уæм тынг дырыс æмæ цæттæ уымæ. Ай у прецедент цæмæн нæй ахæм бырст бæстæмæ, кæцы сывзæрста ныгуылæйнаг æрдæмад, уый тыххæй дæр ныгуылæйнаг бæстæтæй дзуапп хъуамæ уа прецедент цæмæн нæй ахæм.
Ай у стратегион мæцъис Уæрæсейæн, куы дзурынц, цæмæй хæстæ уыдзæн зæгъгæ, фæлæ Европæ ацы типы шантажæн ма хъуамæ бакома. Стратегион архитектурæ кæнæ стратегион æдасдзинад сæхæд украинаг æмæ гуырдзиаг адæмтæ сывзæрстой. Уый не сфидар кодта ныгуылæн\, НАТО кæнæ АИШ-æ, фæлæ сывзæрстой сæхæдæг ацы адæмтæ æмæ мах хъуамæ цыт кæнæм ацы адæмты фæндонæн, ацы æрдгæй цы æвзæрст сарызтой уымæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, фæуромын у хæст маруадзыны иунæг фæндаг. Ныр мах санкциты кой кæнæм æмæ президент Байден куыд фехуъсын кодта, санкцитæ хъуамæ уа прецедент цæмæн нæй ахæм масштабæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Евроцæдисмæ ис хъæугæ инструменттæ. Ныр нæм ис фадат, райрæзын кæнæм æххуыс уыцы бæстæтæн, кæцытæм æртхъирæн кæны Уæрæсе. АМ Евроцæдисы бæстыхайы зæгъдзынæн, цæмæй иугондмæ ис бирæ инструмент, экономикон, финансон æмæ ныр раст уый афон у», – райхъусын кодта Габриелиус Ландсбергис.