Габриелиус Ландсбергис – мæнмæ гæсгæ, кæрæдзийы раст не æмбарæм, куы ныхас кæнæм Евроцæдисы уæнгдзинадыл, суверинитеты хай хъуамæ ныууадзай, дыууæ иумæ -уæнгдзинад дæр æмæ суверинитет дæр нæ уыдзæн

Уый фæдыл Лиетувайы æддаг хъуыддæгты министр брифингыл раисдтис.

Уый банысан кодта, « кæд æмæ лæууыс Евроцæдисы фæндагыл, кæд æмæ аскъуыддзаг кодтай уыцы фæндагыл цæуай, уæд хъуамæ æмбарай -ис конкретон хæслæвæрдтæ».

«Махæн загътой, цæмæй ис стыр фарста суверинитеты фæдыл. Загътой нын, алы бæстæйæн дæр дам ис бар сæрмагондæй райсой сæ законтæ æмæ никæмæн ис бар уый фехалын. Махæн æндæр фадат нæ баззад æмæ бæлвырдгондæй расидтыстæм, цæмæй мах ницы халæм æмæ тыххæй ницы аразын кæнæм, фæлæ ис фæндаг, кæцы бирæ бæстæ, се æхсæн  уæ сыхæгтæ дæр равзæрстой. Уыдон сты бæстæтæ, кæцытæ не сты интересгонд Евроцæдисимæ бастдзинадæй. Цæвиттонæн, Азербайджан, кæцы у Скæсæн партнерады уæнг æмæ мах бадзырдтæ уадзæм уыдонимæ. Ничи куры тыххæй Азербайджаны райса исты хуызон закон, фæлæ у Азербайджан Евроцæдисы фæндагыл? Нæй.

Кæд æмæ лæууыс Евроцæдисы фæндагыл, кæд æмæ аскъуыддзаг кодтай уыцы фæндагыл цæуай, уæд хъуамæ æмбарай -ис конкретон хæслæвæрдтæ. Мæнмæ гæсгæ, кæрæдзийы раст не æмбарæм, куы ныхас кæнæм Евроцæдисы уæнгдзинадыл, суверинитеты хай хъуамæ ныууадзай, дыууæ иумæ -уæнгдзинад дæр æмæ суверинитет дæр нæ уыдзæн» -расидтис Лиетувайы æддаг хъуыддæгты министр.