Фысымуаттæ сæ куыст  абонæй   сног кæндзысты
Фысымуаттæ сæ куыст абонæй сног кæндзысты

Фысымуæттæ  Гуырдзыстоны  сæ  куысты  хуымæтæг  режимæй  абонæй  сног кæндзысты.

Дзырдæуы  уыцы фысымуæтты  тыххæй,  кæцытæм ис æмбæлгæ  барлæвæрд.

Барлæвæрд райсынæн  хъæуы,  фысымуат  æнæнизхъахъхъæды уагдæтты басгæрст ацæуа  æмæ домæнтæм æмбæлон уа.

Фысымуæтты, ресторанты æмæ кафеты федерацийы   куыд  æмбарын кæнынц, афтæмæй,   бæрзонд  классы   фысымуæттæ æмæ   хæдзарон типы  уазæгдон-хæдзæрттæ  бавдисынц  куырдиат  æнæнизхъахъхъæды министрады  веб-фарсыл,  басгæрсты фæстæ  райсгæ  барлæвæрдыл æнцойæ та сæм лæвæрд цæуы   кусыны бар.  Афтæдæр  сæ информацийæ,   ацы  этапыл тобæгонд у  хостелты куыст, уæлвæткæй  дарддæр, кæцы индивидуалон  уат банхъарын дары  йæ  хъуыдыйы.  Куырдиат баххæст кæнын  нæ  бахъæудзæн фатерты хицæуттæн.

Фысымуæтты  ресторанты æмæ  кафеты федераци  объекттæн рагфæдзæхст кæны, ома регуляциты халыны цауы  тызмæг фæивар уыдзысты.