Фыссæг Милан Къундера  40 азы фæстæ Чехийы  æмбæстагад райста
Фыссæг Милан Къундера 40 азы фæстæ Чехийы æмбæстагад райста

Фыссæг Милан Къундера  40 азы  фæстæ, Чехийы æмбæстагад райста,  кæцыйы уымæн  Чехийы   хицауады  скуыддзагæй  байстой.  Уый фæдыл информаци хъусын кæны «Асошиэйтед Пресс».

Уæвæг информацийæ,  Францы,  Чехийы минæвар  æмьастагады  бæлвырдгæнæг  æвдисæндар, Милан Къундерайæн,  Францы,  йæ цæрæн хæдзармæ   йæхæдæг бахаста.

Къундера   Чехийæ  1975  азы рацыд  æмæ  æрцардис Францы, цы ран  мыхуыры  рауагхдта  йæ  сеппæтæй  номдзыддæр чингуытæ.

90  аздзыд   Милан Къундера  Францы   иунæгæй   цæры. Ахæлиугонд информацийæ,  уый арæх фæуазæг вæййы  фыдыбæстæмæ  фæлæ йын никуы  ис коммуникаци журналисттимæ.

1968  азы, Прагæйы  уалдзæджы фæстæ,  уæды  Чехословакийы   Къундерайы  чингуытæ  тобæгонд уыдысты.