Фыццагклассæгты  æппæтон  электронон регистраци 24 майæ райдайдзæн
Фыццагклассæгты æппæтон электронон регистраци 24 майæ райдайдзæн

Гуырдзыстоны ахуырады æмæ  зонæдты министрад 24  майы, сæумæрайсомы  09:00 сахатæй   Гуырдзыстоны  иумæйагрухсадон   уагдæтты  фыццаг классæгты  æппæтон  электронон регистраци райдайдзæн,кæцы  15 июны боны кæрон фæуыдзæн.

Ахуырады министрады информацийы  куыд дзырдæуы   афтæмæй,  регистраци сывæллоны  неыйарæг  кæнæ йæ  законон минæвар   азуырады  фæткдæттæг  информацион   системæйы   официалон   веб-фарсы – registration.emis.ge – фæрцы  электронон  формæйæ сифтонг кæндзæн.  ( æппæтон регистрацийы  инструкци –https://mes.gov.ge/mesgifs/1653291639_Instruqcia%202022.pdf ).

Сывæллоны  регистрацийы  ауадзынæн æнæмæнгхъæугæ  документты бавдыст скъолатæм 2022  азщы  16 июнæй  30 июн хынцгæйæ   цæудзæн.  Бæлвырд æмгъуыдты  документы  нæбавдысты  цауы,  регистраци автоматонæй  иавд æрцæудзæн.