Фыццаг сыгъзæрин Дунейы Чемпионатæй – Чхвимиани Лутфилаевы абырста | Дзюдо

 

Японийы  сæйраг сахар Токиойы  абон  райдайгæ  Дунейы  Чемпионатыл, 60 кг категорийæ, гуырдзиаг  Лухум Чхвимиани, тынг æнтыстджынæй рацыд æмæ  сыгъзæрин майдан райста.

Финалон фембæлды  Чхвимианийы æндæогъ  узбекаг  Шарафутдин  Лутфилаев  уыдис, кæцы хæцын  активонæй райдыдта. Фембæлды кæронмæ  иу минут раздæр,  Лухуммæ  уыдис дыууæ фæдзæхсты, фæлæ  æндæогъы рацахста  æмæ  дзы  вазар райста.

Гуырдзиагмæ фæрæдийыны бар нал уыд, уымæн æмæ æртыккаг фæдзæхст райсыны цауы,  фембылд уыдаит.  17 сикунд ма задис  матчы кæронмæ, Лухум Чхвимиани, йæ  æндæогъы  ипонæй  куы  абырста  æмæ Дунейы Чемпионы  титул райста.