Фыццаг сентябры бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны æмтгæй райсгæйæ вакцинацигонд у 1 210 746 æмбæстаг
Фыццаг сентябры бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусон инфекцийы ныхмæ æмтгæй райсгæйæ вакцинацигонд сты 1 210 746 æмбæстаг, – уый тыххæй информаци хъусын кæны низты контролы националон центр.
Афтæма сæ информацийæ, 31 августы сæхицæн низы ныхмæ хос бафтыдтой 26 201 адæймаг. Æххæстæй вакцинацигонд сты 408 663 адæймаг, æрмæст Иу дозæйæ вакцинацигонд сты 802 083 æмбæстаг .
Вирусæй инфицирады ног цауты æрдгæй та зноны статистикæ ахæм уыд: сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 3 886 ног цау, сæнæниз ис 4 103 пациент. Коронавирусæй рынчын ноджы 74 пациент та амард.