Фыццаг сентябрæй, мотоциклты æмæ мопедты тæрджытæн уыдзæн бар, автобусты хаххы змæлын
Муниципалитеты хицауад бакуыста æмæ сакребуломæ сфидар кæнынмæ бавдисдзæн æмбæлгæ уагæвæрд, кæцы автобусты хаххыты мотоциклты кæнæ мопедты змæлды фæткойтæ сбæрæг кæндзæн, – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Каладзе хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ фæнысангонд ивддзинад цæугæ азы фыццаг сентябрæй скусдзæн.
«Гуырдзыстоны парламент ивддзинæдтæ бахаста æмбæлгæ закъонтæм æмæ автобусты хаххыты бауагъдта мотоциклты æмæ мопедты змæлд. Закъондæттæн ивддзинæдты бындурыл муниципалитеты хицауад ныридæгæн бакуыста æмæ сакребуломæ сфидар кæнынмæ бавдисдзæн æмбæлгæ уагæвæрд, кæцымæ гæсгæ дæр автобусты хаххыты мотоциклты кæнæ та мопедты змæлды сбæрæг кæндзысты. Сакребулойы фæнысангонд ивддзинадыл фæуынаффæ кæндзысты. Фæнды нæ, цæмæй фæнысангонд уанг цæугæ азы фыццаг сентябрæй скуса, цæмæй мопедты æмæ мотоциклтæн уа фадат автобусты хаххыты уылты змæлой», – райхъусын кодта Каха Каладзе.
Муниципалитеты банхъаргæ уагæвæрдмæ гæсгæйæ, автобусты хаххыты цы ран æвæрд ис æмбæлгæ фæндагон нысæнттæ кæнæ та æвдыст у хъæугæ горизонталон нысан, уæгъд уыдзæн мотоциклты кæнæ та мопедты змæлд æхсæв-боны мидæг кæцыфæнды фадыгы, фæлæ иурæстæгонæй, автобусы хаххы тобæгонщд уыдзæн бæлццоны сбадын кæнын-рахизын кæнын. Ивддзинад архайдзæн уыцы цауы, кæд æмæ фæнысангонд уæлвæткы бауадздзæн муниципалитеты минæварадон оргæн.