Фыццаг Къаналы  фидиуæн  «Торпедо» - «Лудогорецы»  матчы  тыххæй
Фыццаг Къаналы фидиуæн «Торпедо» - «Лудогорецы» матчы тыххæй

Фыццаг  Къанал  «Торпедо»-«Лудогорецы»  матчы тыххæй,  публикаци кæны фидиуæн:

Куыд æй зонут афтæмæй,    радон  æнтысты  фæстиуæгæн  Кутаисийы «Торпедо»  УЕФА-   Европæйы  Лигæйы   плей-оффмæ ахызт  æмæ  йæ  æндæогъ уыдзæн  Болгайраг футболон  кълуб «Лудогорец». Хъыгагæн  фæзындтæ  афтæ  цæуынц  æмæ  ацы  хатт дæр, раст  ахæм æнæмбаргæ  уавæры  раз  æрлæууыдыстæм,  цахæмдæр уый  албайнаг  кълуб «Кукешы» матчы рæстæджы,  куы нæ бантыст Албанийæ   матчы репортаж радæттын.  Уый тыххæй,  сæрхъызойты  иу  хай, кæцытæ нæ зыдтой  хъуыддаджы  детæлттæ,  Æхсæнадон  Телеуынынады  æрдæм мæстыдзинад  æвдыстой.

Реалонæй  та   хъуыддаг уый мидæг ис æмæ   Гуырдзыстонæй   сæрмагонд матчыты  трансляци бар  ис  Кутасиы «Торпедомæ»,  кæцы «Кукешимæ»  матчы  фæсарæнты трансляцийы  бар бауæй кодта   фæсарæйнаг  дистрибутор компанийæн, цæй тыххæй  дæр гуырдзыстоны   Æхсæнадон Телеуынанд  нæ бахъом ис  Албанийы  Æхсæнадон Телеуынынадимæ матчы трансляциты баивын. Афтæ  куыд раззаг цауы,  Гуырдзыстоны Æхсæнадон Телеуынынад  ныр дæр цæттæ у,   бынтон æнæфидгæйæ  айса æмæ  равдиса  «Торпедойы» хæдзарон   матч, афтæдæр   баива  исгнал  Болгарийы  фарсæн, фæлæ уый тыххæй  хæъуы  Кутаисы «Торпедо»-йы  къухдариуæгады разыдзинад.

Ацы нысанæй   17 августæй  абоны онг   бирæ хатт  фæдзырдтам  Кутаисы «Торпедойы»  менеджментмæ  æмæ сæ  ракуырдтам, фезхъусын нын кодтаиккой  сæрмагонд   уынаффæйы  фæдыл,  фæлæ   ацы  афонмæ  клуб   тæрхон кæны æндæр æмæ æндæр  æнхъарæнтыл. Æххæст бæрнæй  хъусын кæнæм, цæмæй  Æхсæнадон Телеуынынад  кæддæриддæр сæрмагонд  бæгъдуаныл нымадта  нысаниуæгджын  спортивон мадзæтты  трансляци дæттын  æмæ фидæны дæр афтæ уыдзæн, фæлæ  кæд искæцы субъект  ахицæн кæндзæн  трансляцийы  бартæй  коммерцион  нысанæй  спайда   кæнын æмæ ацы  бртæ бауæй кæндзæн  дистрибутор фирмæтæн,   уæд  дзы кукрæг стæм,  уый фæдыл раст  информаци  бадæттой  дзыллæйæн.

Æмæ фæстагмæ  репортажты  баивын мах  банхъардтам  болгайраг фарсæн  æмæ  райстам  разыдзинад  матчыты  трансляцитæ баивыны  фæдыл, фæлæ  гуырдзиаг кълубы барлæвæрд цухæй,   æрныхас кæнын гæнæн нæй.  Фыццаг Къанал   цæттæ уыд  æмæ  нырдæр у  æмгуыстадмæ, æрмæстдæр  лицензийы  бардарæг  организациимæ  æмæ  нæ искæцы æртыккаг  фарсимæ.  Фыццаг Къанал  афтæдæр цæттæ у  кæддæриддæр æнæфидгæйæ  балæккад  кæна  Гуырдзыстоны  кълубтæн  æмæ сæ  хайадæй  цыфæнды мадзæлттæ   равдыиса   кæсджытæн.

Махæн нæ нысан нæу  нæдæр матчы коммерциализаци  æмæ  нæдæр финансон  бадзырдтæ,   кæцыйы  бархийæ  уадзы  кълуб.  Ахæм æнæмбæрст хъуыддагæй  хи аиуварс кæнынæн æмæ   сæрхъызойты  интересты  зæрдыл даргæйæ  мах оперативонæй  уын дæтдзыстæм информаци   цыфæнды  бадзырдты  тыххæй  æмæ  ныфсджын стæм,  цæмæй  сæрхъызойтæ  дыууæдæр матчы  фендзысты  Æхсæнадон Телеуынынады  кæнæ  æндæр   гуырдзиаг медиа-къаналы  фæрцы (уыцы цауы, кæд  æмæ  Торпедо ахæм уынаффæ рахæсдзæн». Ныр та матчы онг ма  дыууæ бонæй къаддæр рæстæг  куы баззад,  трансляцийы  бар радæттыныл  мах  дзуапп дæр нырма нæ райстам.