Фыццаг январæй техникон инспектирдзинад уыдзæн æнæмæнгхъæугæ æппæт автопаркæн
2019 азы фыццаг январæй техникон инспектирдзинад уыдзæн æнæмæнгхъæугæ æнæхъæн автопаркæн. Сгæрст ацæудзысты уыцы хæдтулгæтæ, кæцыты зæлынгæнæг бæрцуат 3 мин см³ къаддæр у.
Техникон инспектирдзинад баст уыдзæн автомобилы регистрацийы æмгъуыдимæ. Дæнцæн, кæд рог автомобилы регистрацийы фæдыл æвдисæндар лæвæрд æрцыд 2013 азы 28 октябры, уæд транспортон фæрæз хъуамæ ацæуа сгæрст 2019 азы 28 октябры онг.
.Цыппар азы онг автомобилтæн техникон сгæрст нæхъæугæ у. Æрмæст 4 азæй 8 азы онг автомобилтæ сгæрст цæудзысты дыууæ азы мидæг иу хатт, 8 азæй фылдæр кары автомобилты сгардзысты æрвылазонæй.
Рог автомобилты инспектирдзинады аргъ у 60 лари, уæзласæн æмæ æндæро типы транспорты та – 100 лари.
Кæд автомобилы хицау нæ рацалцæг кæндзæн техникон сгæрсты рæстæджы фæбæрæггонд хæлд иу мæйы мидæг, уæд фæивар уыдзæн 50 ларийæ, июридикъон уæнгæн ивары бæрц у 200 лари.