Фыццæгæмæй  2 декабры сæумæрайсоммæ Гуырдзыстоны  боныгъæд фæфыддæрдæр уыдзæн
Фыццæгæмæй 2 декабры сæумæрайсоммæ Гуырдзыстоны боныгъæд фæфыддæрдæр уыдзæн

Фыццаг декабрæй  2   декабры сæумæрайсоммæ Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг  у   рæстæгæй-рæстæгмæ  къæвда арвнæрдимæ, ранæй-рæтты  тæр.  Уый фæдыл  хъусын кæнынц  æрдзы националон   агентады.

Афтæма  сæ  хъусинагæй,   уæлхох  районты  æнхъæлмæкæсинаг у митуард, ныгуылæны  æрдæм фидар уад.   Уыимæ иумæ  денджызыл та  уыдзæн 4-5   баллы  шторм.

«Æнхъæлмæкæсинаг фидар  дæлдзырæттæ, гæнæн ис  Гуырдзыстоны цæугæдæтты  доны бæрзæнды рæзт,  уæлхох  зонæты та  сыджыт-лæсæн   процессты  сæвзæр-активаци расайа» –   банысан кодтой   æрдзы националон агентады.