Фыццæгæм октябры, парламенты астæуккагон æмæ мэры æнæрадон æвзæрстытæ уыдзысты уагъд
Фыццæгæм октябры, парламенты астæуккагон æмæ мэры æнæрадон æвзæрстытæ уыдзысты уагъд

Фыццæгæм октябры, парламенты астæуккагон Гуры, Каспы  æмæ Гурджаанийы мэры æнæрадон æвзæрстытæ уыдзысты уагъд.

Сом, фыццæгæм октябры, парламенты астæуггаг æмæ мэры æнæрадон æвзæрстытæ уыдзысты уагъд. Снысангонды фæдыл, абон ЦÆК-ы брифингыл расидтысты.

ЦÆК-ы пресс-спикеры ныхасмæ гæсгæ, æвзарæнон администраци цæттæ у законы фæлгæтты, гом æмæ профессионалон бæрзæндыл ауадза, кæцытæ æвзæрстыты модернизацийы процессы тынг нысаниуæгджын сты.

Регистраци ацæугæ æвзарджыты нымæц, мажоритарон æвзарнæон сыхты 184 300 у.

Æвзæрстытæм цæстдарды нысанæй, регистраци ацыд 16 æппæтдуноен цæстдарæг, 426 бынæттон. Æвзарæнон процесс уыдзæн рухсгонд медиафадатты 158 бæрноны æрдыгæй. Æвзæрстытæм сæ цæст дардзысты афтæ дæр 178 æвзарæнон субъекты бæрнон.

Æвзарæнон сыхтæ 06:45 сахатыл байгом уыдзысты. Халæппæрсты процесс та 08:00 сахатыл райдайдзæн.

Боны дæргъы куссдзысты ЦÆК-ы контакт-хаб -2 51 00 51 æмæ чат.