Фыццæгæм мартæй рекламон æрвыстæгты арвысты фадат æрмæст адресаты разыдзинадæй уыдзæн лæвæрд
Фыццæгæм мартæй рекламон æрвыстæгты арвысты фадат æрмæст адресаты разыдзинадæй уыдзæн лæвæрд
Персоналон æрбадæттæгты хъахъхъæды фæдыл законмæ, ивæндзинæдты хай фыццæгæм мартæй сархайдзæн. Ног закон, кæцы парламент 2023-æм азы марты райста, этапонæй цæуы йæ тыхмæ.
Фыццæгæм мартæй фæтобæ уыдзæн агрессивон смс маркетингон кампани. Ног законмæ гæсгæ, рекламон æрвыстæгты арвысты фадат æрмæст адресаты разыдзинадæй уыдзæн лæвæрд .
Фыццæгæм июнæй йæ тыхмæ бацæудзæн æндæр сфераты дæр ивæндзинæдтæ. Алыхуызон хицауадон уагдон æмæ афтæ дæр коммерцион компаниты хай, хæсджын уыдзæн уа штаты персоналон æрбадæттæгты хъахъхъæды офицер.
Законы хæлды цауы, ивары бæрц 20 000 лари у.