Футболы Федераци – Нигерийы æрыгонон æмбырдгонды, оккупацигонд Абхазмæ плангонд визиты фæдыл, медийы ахæлиугонд информацийыл, ФИФА-йæ æркуырдтам æмбæлон реагир кæнын
Нигерийы æрыгонон футболы æмбырдгонды оккупацигонд Абхазмæ пангонд визиты фæдыл медийы ахæлиугонд информацийы, æнæаргъæвгæйæ фехъусын кодтам Дунейы футболы ф æткдар орган- ФИФА-йæ, æмæ сæ æмбæлон реагир кæнын æркуырдтам з уый фæдыл информацийы хæлиу кæны Гуырдзыстоны Футболы Федераци.
«Фарстайы ныаниуæгæй рацæугæйæ, фæнды нæ фехъусын кæнæм дзыллæйæн, ома Гуырдзыстоны Футболы Федераци, æндæр æмæ æндæр медиафæрæзы абон 4 августы ахæлиугонд информацийы фæдыл, æнæаргъæвгæйæ фехъусын кодта дунейы футболы фæткдар органæн æмæ йæ æрдомтта æмбæлон реагир кæнын.
Сæрмагондæй та, цалдæр информацион агентады ахæлиугонд инфоормацимæ гæсгæйæ, æввахс бонты оккупацигонд Абхазимæ ныццæуын план кæны Нигерийы æрыгонон æмбырдгонд футболы. Мах афтæ, куыд æндæр ахæм цауты, афоныл реагирдзинады тыххæй, фæнысангонд информаци æмæ нæ позици æххæстæй бавдыстам дунейы футболы фæткдар орагн –ФИФА-мæ. Афтæдæр æмбæлон реагир кæнынæн, информаци æмæ æркуырд æрвыст æрцыд Нигерийы Футболы Федерацимæ.
Гуырдзыстоны футболы фæткдар орган, цыфæнды ахæм типы информацийы уæвыны цауы, алы æмбæлон амлæттæй спайда кæндзæн, цæмæй ма бауадза гуырдзиаг паддзахаддзинады æмæ территорион æнæхъæндзинады ныхмæ спортивон архæйдтытæ» – банысангонд у Гуырдзыстоны Футболы федерацийы информацийы.
Æндæр æмæ æндæр медиафæрæзты ахæлиу ис информаци, цæмæй Нигерийы æрыгонон æмбырдгонд футболы, æввахс бонты хъавыоккупацигонд Абхазмæ ныццæуын.