«Фридом Хаусы» Украинæйы офисы директор - æвзæрстытыл системон равгы аиппытæ иунæг æхсæнадæмон организаци дæр не сфиксир кодта
Украинæйы президентон æвзæрстытæ уыдысты тынг демокративон æмæ системон равгы аиппытæ иунæг æхсæнадæмон организаци дæр не сфиксир кодта – уый фæдыл «Фридом Хаусы» Украинæйы офисы директор Метью Шааф загъта Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Украинæйы демократийæн 2019 азы президентон æвзæрстытæ нысаниуæгджын быцæусидт у.
«Бæстæйы хицаудзинад сабырæй ивды перспективæйы цæстæнгасæй, ацы æвзæрстытæ иттæгнысаниуæгджын сты. Цæй зæгъын æй хъæуы, нырма нæ зонæм, чи фæуæлахиз уыдзæн уымæн æмæ, бæрæг куыд у афтæмæй, уагъд цæудзæн дыккаг тур, фæлæ ныридæгæн мæ бон зæгъын у, цæмæй президентон æвзæрстытæ тынг демокративон уыдысты. Федтам, цæмæй демокративон и нституттæ тынг хорз кусынц. Адæммæ уыд фадат, сæрибарæй баиу уыдаиккой хъæлæс кæныны процессмæ æмæ сæхæдæг аскуыддзаг кодтаиккой кæмæн схъæлæс кæной уый» – райхъусын кодта Метью Шааф.
«Фридом Хаусы» Украинæйы офисы директор æмбарын кæны, цæмæй 2019 азы президентон æвзæрстытыл æхсæнадæмон æмæ украинаг цæстдарæг мисситæ, тынг хорз бакуыстой.
Украинæйы президентон æвзæрстытæ знон 31 марты ацыдысты. Æвзæрстыты дыккаг тур, артист æмæ шоумэн Владимир Зеленскийы æмæ архайæг президент Петро Порошенкойы æхсæн æ апрелы ацæудзæн.