Франкофонийы парламентон ассамблейы  президент Ираклий Гъарибашвилийы Стыр Командоры  майданæй  схорзæхджын кодта
Франкофонийы парламентон ассамблейы президент Ираклий Гъарибашвилийы Стыр Командоры майданæй схорзæхджын кодта

Франкофонийы  парламентон ассамблейы  президент, Франсис Друэн  Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы   Стыр Командоры  гъæды майданæй   схорзæджын кодта  æмæ йын специалон  сертификат  адæтта.  Информаци уый фæдыл  хъусын кæны  хицауады администрацийыпресс-куыст.

Афтæма сæ  информацийæ,   схорзæхджын кæныны онг  хицауады  сæрдар   парламентон ассамблейы   президентимæ фембæлдис.

«Фембæлдыл  хъусдард здæхт уыдис Гуырдзыстоны  хицауады  æмæ  Франкофонийы  парламентон ассамблейы  æхсæн   уæвæг   æмгуыстадыл.  Æркастысты  францаг     æвзаджы    популяризацийæ дарддæр, Франкофонийы   парламентон ассамблейы   ролы нысаниуæг   демократийы   райрæзты æмæ  адæймаджы барты  хъахъхъæды  сферæйы, кæцы æрдгæй дæр у уый платформæ  уæнг  бæстæты  æхсæн», –  банысангонд у хицауады администрацийы  пресс-куысты  информацийы.