Франк-Вальтер Штайнмайер - Хæдбардзинады æрдæм фæндаг, у гуырдзиаг адæмы æнæфæцудгæ фæнд, сæвзæрын кæна демокративон, сæрибар паддзахад
Хæдбардзинады æрдæм фæндаг, у гуырдзиаг адæмы æнæфæцудгæ фæнд, сæвзæрын кæна демокративон, сæрибар паддзахад, уый фæдыл Германийы президент, Франк-Вальтер Штайнмайер, райхъусын кодта Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ фембæлды фæстæ, иумæйаг фидиуæнтæ аразыны рæстæджы.
Штайнмайер Саломэ Зурабишвилийæн фысымдзинады тыххæй бузныг расидтис æмæ банысан кодта, цæмæй Германийы президенты рангы, Гуырдзыстонмæ уый йæ фыццаг визит у зæгъгæ.
«Стыр бузныг уын цытджын президент, арфæ уын кæнын Германийы делегацийы номæй, кæцы нын сарызта зæрдиаг размæ рацыды церемони Тбилисы. Гуырдзыстонмæ, ацы визит преиденты рангы æцæгæй дæр мын у фыццаг, фæлæ куыд фæсарæн хъуыддæгты министр, æнæиухат уыдтæн Гуырдзыстоны, фæлæ Германийы президентыфæстаг визит, кæд историмæ раст ныккастæн уæд, уыдис 22 азы размæ» – райхъусын кодта уый.
Франк-Вальтер Штайнмайер Гуырдзыстон æмæ Германийы интенсивон æмкуысткæнынадыл ф æныхас кодта.
«Ай у политикъон, экономикон æмкуысткæнынад, куыльтурон æмгуыстад, кæцыйы кой ракодтат. Тынг райын Германийы президенты рангы кæй æрцыдтæн Гуырдзыстонмæ.
Хæдбардзинады æрдæм фæндаг, у гуырдзиаг адæмы æнæфæцудгæ фæнд, сæвзæрын кæна демокративон, сæрибар паддзахад. Германи æнææрмæст йæ хъус дартта амæ, фæлæ ма активон фарсхæцæг уыд æмæ иуæй-иу сæйрагпартнер Гуырдзыстонæн ацы фæндагыл. Уый цыдæриддæр нæ бæстæтæ ацы фæндагыл рацыдысты фæстаг азты дæргъы, интенсивон æмкуысткæнынады æрдгæй, ай æцæгæйдæр у дæнцон, фæлтæрддзинады тынг интенсивон баивд æмæ зонæдты фæхай кæнын. Афтæдæр нæм ис дыууæфарсон æмкуысткæнынад Тбилисы кæнæ Берлиины, Гуырдзыстоны æмæ Германийы æндæр сахарты» – райхъусын кодта Германийы президент.