Франк Вальтер Штайнмайер – Германи йæ фарсдары Ныгуылæн Балканты, Украинайы, Молдовæйы æмæ Гуырдзыстоны, Евроцæдисы уæнгсуæвыны перспективæйæн
Германи йæ фарс хæцы кандидат бæстæты, Ныгуылæн Балканты, Украинайы, Молдовæ æмæ Гуырдзстоны Евроцæдисы уæнгсуæвыны перспективæйæн – ацы фидиуæн Германийы прзидент Франк Вальтер Штайнмайер Прагæйы Чехаг коллегæ Петр Павелимæ фембæлдыл сарызта.
«Евроцæдисы ауæрæх у централон стратегион интерес Германийæн, Евроцæдисæн æмæ афтæдæр Чехийæн. Германи йæ фарс хæцы кандидат бæстæты – Ныгуылæн Балканты, Украинайы, Молдовæ æмæ Гуырдзстоны Евроцæдисы уæнгсуæвыны перспективæйæн» – райхъусын кодта Франк Вальтер Штайнмайер.
Бæрæгдзырдæн, Чехийы æмæ Германийы президентты фембæлд Чехийы Евроцæдисы уæнгсуæвыны 20 азы юбилейимæ фемдзыд ис.