Франк-Вальтер Штайнмайер - Æндыгъд æвзарæнон тохы фæстæ, Гуырдзыстон демокративон æвзæрст сарызта
Германийы Федеративон Республикæйы президент, Франк-Вальтер Штайнмайер Саломэ Зурабишвилийæн арфæ кæны Гуырдзыстоны президентæй сæвзæрст. Гуырдзыстоны Германийы минæвар, Хуберт Книрш Гуырдзыстоны ногæвзæрст президентæн, Саломэ Зурабишвилийæн Германийы президенты æмæ сæрмагонд номæй арфæйы фыстæг рарвыста.
«Æндыгъд æвзарæнон тохы фæстæ, Гуырдзыстон демокративон æвзæрст сарызта. Зæрдиагæй уын арфæ кæнын ацы бæрнон постыл снысан кæнын.
Германи æмæ Гуырдзыстон историонæй къуындæг æмæ хæларæй сты кæрæдзиимæ баст. Зæрдæскъæфт стæм хæдбындур гуырдзиаг культурæйæ æмæ уыцы æнæфæцудгæ фæндæй,кæцыйæ уæ бæстæ амайы европаг фидæн. Уырнæг дæн цæмæй Гуырдзыстон уæ президентæй уæвыны периоды æнтыстджынæй адарддæр кæндзæн тынг кæнын, демокративон æмæ барадон паддзахаддзинады æрдæм.
Ацы фæндагыл Германи уын уыдзæн æууæнкаг æмæ æнæфæсаййгæ патрнер. Кувын уын æнтыстытæ цы рардты раз æрлæууыдыстут уыдоны сæххæсты æмæ райгонд уайин æввахс фидæны нæ фембæлдæй» – дзырдæуы фыстæджы.