Франк-Вальтер Штайнмаер - Гуырдзыстон ацы азты дæргъы уыдис дæнцон бæстæ, кæцы нын райтынгы диссаджы æнтыстыæ равдыста
Гуырдзыстоны президенты, Саломэ Зурабишвилийы Германимæ визит, дыууæ бæстæйы æхсæн бастдзинады амонæг у – уый фæдыл Германийы президент Франк-Вальтер Штайнмаер райхъусын кодта, кæцы абон Германимæ официалон визитæй уæвæг гуырдзиаг коллегæимæ фембæлд Берлины галуаны.
Франк-Вальтер Штайнмаер Германи æмæ Гуырдзыстоны хæлардзинадыл фæныхас кодта.
«Цытджын президент, уæ визит у амонæг нæ бæтæты æхсæн бастдзинады, визит кæцы тынг хорз афон сырæзт æмæ уæ фыццаг визит у Паризы фæстæ. Тынг мын цин уыдысты уæ ныхæстæ, нæ фембæлд, æмæ нæ диалог æргомзæрдæ кæй уыд уый. Зонут æй цæмæй бирæ цæмæй дæр баст дæн уæ бæстæимæ. Германи æмæ Гуырдзыстоны хæлардзинады дæргъвæтин традиции ис. 2017 аз уыдис Германи-Гуырдзыстоны афæдз, афтæдæр Гуырдзыстон Франкфурты чиныджы æрмукæйы уазæг уыд. Уый у амонæг, цæмæй нæ культурон бастдзинад тынг кхъуындæг у» – баздæхт Саломэ Зурабишвилимæ Германийы президент иумæйаг пресс-конференцийыл.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, Франкфурты чиныджы æрмукæъйыл, цытджын уазæгы статусæй бавдыст кæй уыдис Гуырдзыстон гуырдзиаг культурæйы стыр хæзна равдыста, кæцы Германийы ныры онг никуы зыдтой.
«Уый мæхи цæстæй федтон. Арæх иу æрцыдтæн гуырдзыстонмæ æимæ Гуырдзыстоны тынгады æндæр æмæ æндæр этаптæм дарттон хъус фæстаг 30 азы дæргъы. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, зæгъæн ис, цæмæй Гуырдзыстон ацы азты дæргъы уыдис дæнцон,экономикон реформæты ццйæстæнгасæй уæддæр у дæнцон бæстæ, æмæ диссаджы тынгад нын равдыста» райхъусын кодта Франк-Вальтер Штайнмаер.
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы æмæ Германийы Федерацион Республикæйы президенты, Франк-Вальтер Штайнмаер фембæлд, Берлины, Белвиуйы галуаны ацыд.