Æртæазон паузæйы фæстæ фыццаг хатт, абон Францы нормандиаг цыппары саммит ацæудзæн. Саммиты хайад исынц, Германийы канцлер Ангела Меркел, Францы президент Эммануэль Макърон, Украинайы президент Владимир Зеленский æмæ Уæрæсейы президент Владимир Путин. Уый Уæрæсейы æмæ Украинайы ногæвзæрст президенты фыццаг фембæлд уыдзæн.
Лидерты фембæлд Елисейы галуаны ацæудзæн æмæ ахæлиугонд информацийæ, æртæ сахат аххæсдзæн. Фарсытæ Минскъы бадзырды домæнтыл фæныхас кæндзысты.
Саммиты размæ Украинайæн фарсхæцынад равдыста Лиетувæйы президент. Гитанас Наусэда микроблог «Твиттеры» фæрцы райхъусын кодта, цæмæй Лиетувæ зæгъгæ, йæ фарс хæцы Украинайы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн æмæ æрсидтис Уæрæсемæ, сæххæст кæна Минскъы бадзырдæй йæхимæ цы хæстæ райста, уый æппæт.