Францы минæварад – Франц ноджы иу хатт бæлвырд кæны Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады фарсылхæцындзинад
Францы минæварад – Франц ноджы иу хатт бæлвырд кæны Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады фарсылхæцындзинад

16 азы фæстæ, Уæрæсейы агрессийæ Гуырдзыстоны ныхмæ, Франц ноджы иу хатт бæлвырд кæны йæ æххæст хæс бæстæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты мидæг.

Уый фæдыл Гуырдызстоны Францы минæварады расидæны ис фыст.

«Франц акцент кæны, цæмæй Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны оккупацигонд сепаратистон регионты хи расидæг хицауады иувæрсыг банымад, ацы регионты милитаризаци, афтæ дæр ацы регионты æмæ Гуырдзыстоны иннæ хайы æхсæн ахастыты цæлхдурты саразын, æвдисынц æхсæнадæмон барады æнæрайсгæ хæлд. Франц сиды Уæрæсемæ, æххæстæй сæххæст кæна 2008 азы 12-æм августы æмæ 8-æм сентябры райсгæ хæслæвæрдтæ.

Франц афтæ дæр дарддæр кæны йæ фарсылхæцындзинад «Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы» платформæйæн, кæцыйы æмсæрдариуæг кæнынц Евроцæдис, ОБСЕ æмæ Иугонд Нациты Организаци.

Æрмæстдæр ацы дискуссийы фæлгæттæ ратдзысты фадат фарсытæн иумæйаг æскъуыддзагыл бакусынæн. «Франц йæ европæйаг партнертимæ иумæ адарддæр кæндзæн æххуыс Гуырдзыстоны Евроцæдисы цæстдарæг миссийы (EUMM) æмæ Хуссар Кавказы æмæ Гуырдзыстоны кризисы фæдыл Евроцæдисы сæрмагонд минæвар æмæ Гуырдзыстоны европæйаг фæндаг æмæ суверенитетæн», – райхъусын кодта расидæны дзырдæуы.