Францы фæсарæн хъуыддæгты министр – Евроцæдис æндæр бæстæтæн нæ ратдзæн бар йæ суверенон арæнтæм бабырсын
Францы фæсарæн хъуыддæгты министр – Евроцæдис æндæр бæстæтæн нæ ратдзæн бар йæ суверенон арæнтæм бабырсын

Евроцæдис нæ ратдзæн бар æндæр бæстæтæн йæ суверенон арæнтæм бабырсын. – уый фæдыл Францы фæсарæн хъуыддæгты министр Жан-Ноэль Барро, Дональд Трампы Гренландийы фæдыл расидæнтæ коментар кæнгæйæ, расидтис.

АИШ-ы æвзæрст президент Дональд Трамп, Мар-а-Лагойы резиденцийы пресс-конференцийыл, нæ аиуварс кодта æфсæддон тыхæй пайда кæнын, цæмæй Панамæйы канал æмæ Гренландийыл контрол райса.

Францы æттаг хъуыдтæгты министр сиды, цæмæй йæ нæ уырны, цæмæй АИШ арктикон сакъадахмæ бабырсдзæн, кæцы 600 азæй фылдæр у Данийы хай.

«Бæрæг у, цæмæй Евроцæдис нæ бауадздзæн дунейы æндæр бæстæтæн йæ суверенон арæнтæм бабырсын, чифæнды ма уой. Мах стæм тыхджын континент» – расидтис францаг дипломат бынæттон медийæн.

«Кæд мæ бафæрсат, хъуыды кæнут æви нæ АИШ Гренландимæ бабырсдзæн, уæд мæ дзуапп у нæ. Фæлæ мах бахызтыстæм æппæты тыхджындæрты удæгасæй баззайыны дугмæ? Уæд мæ дзуапп у о», – загъта Жан-Ноэль Барро.

Министры расидæнмæ гæсгæ, Евроцæдис хъуамæ ма бауадзæт йæхи тæрсын кæнæ æгæр тыхсын, фæлæ хъуамæ уа къæрцхъус æмæ фæтыхджындæр уа.