Францы делегацийы къухдариуæггæнæг – Абон мах ныхас кæнæм Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгсуæвыны процессыл, уымæн æмæ Гуырдзыстон у Сау Денджызы бæстæ æмæ стартегион партнер махæн
Абон мах ныхас кæнæм Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнг суæвыны процессыл, уымæн æмæ Гуырдзыстон у Сау Денджызы регионы бæстæ æмæ нæ стартегион партнер – уый фæдыл НАТО-йы парламентон ассамблейыл Францы делегацийы къухдариуæггæнæг Ане Женет Мадриды гуырдзиаг закъондæтджытимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
«Гуырдзыстон у нысаниуæгджын бæстæ Сау Денджызы æдасдзинады æрдгæй. Алы бæстæ хъуамæ уа ацы æдасдзинады хай, цæмæй уырæнг уæм, ома алы науы змæлд æмæ экономикон активондзинад рæстмæ ацæуа. Арф уырнæг дæн цæмæй Анаклоиайы порт саразын хъæуы. Уый тынг нысаниуæгджын у Гуырдзыстонæн дæр æмæ æнæхъæнæй Сау денджызы регионæн.
Абон ныхас кæнæм Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгсуæвыны процессыл дæр. Цæмæн Гуырдзыстон? Уымæн æмæ Гуырдзыстон у Сау Денджызы регионы бæстæ, лæууы денджызы хурыскæсæны æмæ у стратегион партнер махæн. Сау Денджызы æдасдзинад та, уæвæг уавæрмæ гæсгæйæ, иттæг нысаниуæгджын у, уымæн æмæ Сау Денджызы æдасдзинад нысан кæны Европæйы континенты æдасдзинад. Уынаффæ кæнæм ууыл, цæмæй куыд ис гæнæн бахъахъхъæнæм нæ националон æдадсзинад. Тæрхон кæнæм ууыл, цæмæй куыд ис гæнæн бахъахъъхæнæм нæ националон территоритæ. Фæныхас кодтам афтæдæр иумæйаг ахуыртæ ауадзыныл æмæ нæ стратегион æмгуыстады фæарфдæр кæныны фæдыл» – райхъусын кодта Францы делегацийы къухдариуæггæнæг.