Францы централон æмæ хуссар хайы мит æруарыд

Францы  централон  æмæ  хуссар хайы   стыр митуард ис.  Информацийы  уый фæдыл  хъусын кæны телекомпани  «евроньюс».

Цалдæр департаменты расидтысты «бурбын сырх» æмвæзы  фæдис .

Ардешы, Канталы, Уæллаг  Луара æмæ  Лозеры  хицауад цæрджытæн амоны хæдзары баззайын.

Иуææй-иу регионы миты  бæрзæнд у 35 сантиметрæй  фылдæр.

Сахарты уынгæм ракодтой специалон техникæ.