Фракци «Гуырдзиаг Бæллицц» райддайы кусын закъондæттæн пакетыл номхуындæй «Гиргвлианийы хъуыддаджы бараст»
Фракци «Гуырдзиаг Бæллицц» райдаы кусын закъондæттæн пакетыл кæцыйы Мамука Мдинарадзе схуыдта «Гиргвлианийы хъуыддаджы барастæй».
«12 азы рацыд марындзинадæй, кæцы ссис режимы æрдгæй адæймагы ныхмæ тыхмийы символæй. Сандро Гиргвлианийы марындзинад нæ уыд æрмæстдæр иу адæймагы кæнæ æрмæстдæр иу хæдзары трагедий. Уый уыд паддзахады сусæгвæнд расттæрхоны æмæ адймагы ныхмæ. 2012 азы фæуæлахиз ис æрæ æрмæст иу политикон коалици, 2012 азы махимæ иумæ фæуæлахиз ис Сандро Гиргвлиани, 2012 азы адæймаг басаста тыхмигæнæг режимы. Барадон цæстæнгасæй, хъуыддагыл ахсты æмгъуыд æрвитынц, 8 гоймаджы æмæ тæрхонмæ лæвæрд у Михеил Саакашвили» – расидтис Мамука Мдинарадзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили бацархайдта резонансон хъуыддаджы афтæ равдисын, куыд кæуинаг, æмæ паддзахадон системæйы æрдгæй марындзинады баналон факт – афтæ, æмæ Гиргвлианийы хъуыддагыл зылынмæ лæвæрдтæн ныххатыр кæнын та – институтты бацæттæгонд процесс æмæ нæ йæхи сæрмагонд скуыддзаг.
«Хъыгагæн ацы хабарæн уыдис серьозон разæууæл. Саакашвилийы ацы æдзæсгомдзинадæн архайæг президент арызта полоитикон æмæ псевдобарадон бындур, кæцы уыййас æнтыстджын уыд йæ развæдгæнæджы баиргъæвыны хъуыддаджы, æмæ Саакашвилийы равзаргæ расттæрхоны æмæ политикъон сурыны амæттагæй дæр схуыдта. Иу мæйы дæргъы гуырдзиаг дзыллæ уыдта, куыд фидыцджын ныхас кодтой Саакашвили æмæ Маргвелашвили.
Гуырдзиаг Бæллицц дзыллæйы раз йæхи хæсджыныл нымайы, уымæн цæмæй расттæрхон фæуæлахиз ис Сандро Гиргвлианийы хъуыддаджы фæдыл, афтæма сæвзæрдысты политикъон æмæ барадон барьертæ, Гиргвлианийы хъуыддаджы рецидивтæй хибахизынæн.
Уый тыххæй дæр фракци райдайы кусын закъондæттæн инициативæты пакетыл, кæцытæ иуырдыгæй баиргъæвдзысты æмбæстæгты паддзахадон тыхмийæ бæрзонд стандартты руаджы, иннæрдыгæй та срæвдз кæндзæн расттæрхоны нæфæцагайгæдзинад – раст уый уыдзæн ивдтыты сæйраг миниуæг» – расидтис Мамука Мдинарадзе.