Фотоæрмæг Леван Куташвилийы æмæ Иосеб Павлиашвилийы министрты кабинеты уæнгтимæ фембæлдæй
Фотоæрмæг Леван Куташвилийы æмæ Иосеб Павлиашвилийы министрты кабинеты уæнгтимæ фембæлдæй

Гуырдзыстоны  оккупацигонд территоритæй  тыхбынбынативгæ  уæнгты,  цæрæн уатты ахæлиуы  æмæ  лигъдæтты  министрад Леван Куташвилийы  æмæ  Иосеб  Павлиашвилийы  министрты кабинеты уæнгтимæ  фембæлды  къамтæ  ахæлиу кодта.

Министрады « Фейсбукы» официалон  фарсыл  куыд у банысангонд афтæмæй,  Леван Куташвили æмæ Иосеб  Павлиашвили  Гуырдзыстоны   централон  хицауады кантролгонд территорийыл сты.

Леван Куташвили æмæ  Иосеб  Павлиашвилиимæ  фембæлдысты   лигъæдтты æмæ цæрæнуатты  ахæлиуы   министр, Созар Субари,   паддзахадон министр фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты  Кетеван Цихелашвили, мидхъуыддæгты  министры фыццаг хæдивæг  Кахабер  Сабанадзе æмæ  падзахадон  æдадсзинады  куысты  информацион-аналитикон  департаменты  директоры хæдивæг  Кахабер  Кемоклидзе.

Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады  фарстыты  паддзахадон министр  Кетеван Цихелашвилийы  информацийæ,   Леван Куташвили æмæ  Иосеб Павлиашвили  сæхи хатынц æдас æмæ нормалонæй.

Леван Кауташвили  æмæ  Иосеб  Павлиашвили  Ахалгорæй  абон  рацыдысты.

Паддзахадон   æдасдзинады  куысты информацийæ,  22  февралы  оккуцпацигонд   Цхинвалы  минæвæрттæ,   Гуырдзыстоны æмбæстæгты  Арчил Татунашвилийы, Леван Куташвилийы æмæ Иосеб  Павлиашвилийы  æнæзакъононæй æрцахстой.

Арчил Татунашвили 23  февралы оккупацигонд сахар Цхинвалы  рынчындоны æнæбæрг  уавæрты æрбамард. Леван Куташвилийы æмæ Иосеб  Павлиашвилийы  а.х. ахæстонæй  ссæрибар кодтой, фæлæ  ацы рæстæгмæ уыдысты   оккупацигонд  территорийыл.