«Форбс» - Украинайы ныхмæ  хæсты тыххæй Уæрæсе 167 миллиард долларæй фылдæр бахардз кодта
«Форбс» - Украинайы ныхмæ хæсты тыххæй Уæрæсе 167 миллиард долларæй фылдæр бахардз кодта

Украинайы ныхмæ   хæсты тыххæй, Уæрæсе   167 миллиардæй долларæй фылдæр бахардз кодта, уырдгæй æрмæст 34  миллиард доллары аргъы  техникæ  Украинайы  хъахъхъæнынады  тыхтæ скунæг кодтой, – уый фæдыл  информацийы  «Форбсы» украинаг рауагъдад  Украинайы  гарзджын  тыхты генштабыл  æнцойæ хъусын кæны.

Рауагъдад куыд фыссы  афтæмæй,  Уæрæсе Украинайы ныхмæ  хæсты тыххæй  иу боны мидæг   300 милуан доллары  онг хардз кæны.

«Форбсы»  хъусинагæй, хæсты 18 мæйы  лæргъы Уæрæсейы  комкоммæ æфсæддон  хардзтæ  æмæ сæфт техникæйы аргъ,  167,3 миллиард долллары бæрц у.  Ацы  суммæмæ нæ хауынц  хъахъхъæнынады къабазы ахæм хардзтæ, кæцытæ цæугæ  хæстон архæйдтытимæ баст не сты,  афтæдæр агрессор-бæстæйы экономикон   сæфтытæ.

«Форбсмæ» гæсгæйæ,   хардзтæ афтæ  сты дихгонд – æфсæддон   архæйдтыты  ифтонгад – 51,3  миллиард  доллар, æфсæддæтты  мыздтæ – 35,1 миллиард  доллар, компенсацитæ фæмардуæвджыты  бинонтæн –  25,6 миллиард доллар, компенсацитæ цæфтæн –  21 миллиард доллар, куынæггонд техникæйы аргъ – 34 миллиард доллар.