«Flyone» райдыдта комкоммæ рейстæ Кишиневæй Батуммæ
Авиакомпани «Флайон» (Flyone) Молдовайы сæйраг сахарæй Батуммæ комкоммæ рейсытæ райдыдта. Уый фæдыл информаци Тбилисы æмæ Батумы аэропорттæн къухдариуæггæнæг компани TAV Georgia парахат кодта.
Сæ ныхасмæ гæсгæ, Батумы æхсæнадæмон аэропорт Кишиневæй ныридæгæн райста фыццаг рейс.
«Батумы аэропорты Кишиневæй фыццаг бæлццæттæ символикон мадзалæй сæмбæлдысты. Авиакомпани йæ фыццаг рейсыл Молдовайы сæйраг сахарæй Батуммæ Airbus 320 хæдтæхæгæй æрбаласта 182 бæлццоны, Батум-Кишиневы рейсы та уыд 161 бæлццон, кæцы дзурæг у ацы маршрутмæ стыр æркуырдæй.
Сæрдыгон навигацион сезоны дæргъы, «Флайон» къуыри æртæ хатты æххæст кæндзæн рейстæ Кишинёв-Батуми-Кишиневы уæлдæфон маршрутыл. Ацы этапыл рейстæ уагъд цæуынц дыццæг æмæ цыппæрæмы, 14-æм июлæй та майрæмбонтæ бафтдзысты.
Flyone у молдаваг авиакомпани, йæ сæйраг базæ ис Кишинёвы æхсæнадæмон аэропорты. Компани æххæст кæны регулярон æмæ чартерон рейстæ Европæ æмæ Æввахс Скæсæнмæ. Банысанкæнинаг у, цæмæй Батумы æхсæнадæмон аэропорт бæстæйы авиакомпанийы иунæг аэропорт у. Дæлхайад бренд Flyone Armenia дæр архайы æмæ атæхы къуыри æртæ хатты Сомихы сæйраг сахарæй. Flyone-ы парк (йæ ирон дæлхайадимæ иумæ) æдæппæтæй у 10 хæдтæхæгæй фылдæр æмæ арæзт у сæйраджыдæр Airbus A320 æмæ A321 хæдтæхджытæй», — дзырдæуы TAV Georgia-йы расидæны.