Fitch Гуырдзыстоны  кредитон рейтинг æнæивгæйæ, ВВ æмвæзадыл ныууагъдта, 2023  азы  экономикон   рæзты прогноз та  6.9 проценты онг фæфылдæр кодта
Fitch Гуырдзыстоны кредитон рейтинг æнæивгæйæ, ВВ æмвæзадыл ныууагъдта, 2023 азы экономикон рæзты прогноз та 6.9 проценты онг фæфылдæр кодта

 

Æхсæнадæмон   рейтингон  компани «Fitch» публикаци скодта Гуырдзыстоны   суверенон  кредитон рейтингы фæдыл   ног    аргълæвæрд.

Хыгъдлæвæрды  куыд у банысангонд афтæмæй,  агентад  рейтинг  æнæивгæйæ ВВ  æмвæзадыл ныууагъдта.

Fitch-ы бæрæггæнæнтæй æнæивгæ у  бæстæйы  кредитон рейтингы  перспективæ æмæ уый фæстæмæ  позитивон у.

Fitch-ы хыгъдлæвæрды хъусдард   арызт у  ахæм фактортыл, кæцытæ йæ къух аразынц позитивон   перспективæ мафесафынæн.   Дзырдæуы  нысаниуæгджынæй  бæрзонд   экономикон   райрæзтыл, инфляцийы  фæкаддæрыл,  æддагон позицийы  фæхуыздæрыл æмæ   æнæниз æмæ  зондджын   макроэкономикон   политикæйы  дæргъвæтиндзинадыл.

Уыимæ   организаци 2023 азы дæргъы   бæстæйы  6.9%-он экономикон райрæзты прогноз аразы, кæцы  январы публикацигонд 4,5%-он  прогнозимæ абаргæйæ  2,4 процентон  пунктæй бæрзонддæр у.