Финансты министры пост Иване Мачъавариани бацахсдзæн
Гуырдзыстоны хицауады сногонд сконды финансты минситры пост Иване Мачъавариани бацахсдзæн. Уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе брифингыл раисдтис, кæцыйы хицауды сногонд сконд бавдыстæ.
Мамука Бахтадзейы ныхасм æгæсгæ, Иване Мачъавариани азты дæргъы компани «Джеоселы» финансон æмæ коммерцион директор уыд.
«Нæ реформæты стыр хай баст у цифрон экономикайыл. Реформæты пакеет, кæцы æз бавдыстон, 50 % æн æнæмæнг у нырыгкон технологиты бындурæвæрд. Вано Мачъаварианийы фæлтæрæн, ацы къуымæй тынг нысаниуæгджын у.