Финансты министры хæдивæг  æмбарын кæны, цæй аххосæй  нал райста Гуырдзыстоны хицауад Евроцæдисæй  хæс
Финансты министры хæдивæг æмбарын кæны, цæй аххосæй нал райста Гуырдзыстоны хицауад Евроцæдисæй хæс

Евроцæдисимæ мын уыд  коммуникаци  æмæ  экономикæйы æрдгæй сæххæст  реофрмæтæ цы уыдис, уыдон иууылдæр сыххæст сты.  Баззадис ма дзы  тæрхондоны  хай, кæцыйыл æндæр æмæ æндæр  позицитæ  уыд.  Уый тыххæй  дæр куы слæууыд фарста, цæмæй  цыдæр проблемæ  ис гæнæн ацы  кредиты æрдгæй  сæвзæрдаит, уæд нæзагъд ракодтам – уый фæдыл   финансты  министры  хæдивæг, Гиорги Какауридзе райхъусын кодта  парламенты, цы ран  фракцийы  форматы кастысты  2022 азы  бюджеты проект.

Какауридзе   депутаттæн ноджы иу хатт райхæлдта цæй æфсонæй  ракодта  нæзагъд Гуырдзыстон Евроцæдисы  кредитыл.

«Евроцæдисы суммæ дæр уыдис иуæй-иу  компонент, кæцы цыдис реформæты  фæдыл.  Зæгъæн ис 10-12 æндæр æмæ æндæр   æрдæмадæй  реформæ уыд   æмæ алкæцы дæр   сыххæст ис.  Баззадис ма дзы иу  хай, кæцыйы  ардыгон жксперттæ, процессы баст чи уыд уыдон  нымайынц, цæмæй  сыххæст ис,  фыст цы  уыдис  ацы бадзырды  уый.  Фæлæ  евроцæдисы  минæварад æргомæй  хъусын кодта, цæмæй  бæрæг  домæнтæ  æххæст не сты, æмæ сæ  мидæг та  ныхас нæ уыд   уыцы  реормæйыл   кæцыйы дарттой сæ хъуыдыйы.  Фæлæ  фыст цы уыдис уый дам арызт у, дзырдта  дыккаг фарс.   Ацы хæс Евроцæдисы æххуыс  нæу, домæнтæ сын дзæбæх сты, фæлæ   хæс у  æмæ  уый æрыздахын хъæуы.  Реформæтæ  нысаниуæгджын сты, уыйимæ  разы  стæм,  нæ экономикæйы   рæзтæн фыццаджыдæр нысаниуæгджын у  ацы  реформæты  сыххæст кæнын. Мæнæн евроцæдисимæ дæр уыд  коммуникаци æмæ  экономикæйы  æрдгæй  цы реформæтæ  хъуыдис ауадзын уыдон сыххæст кодтам  сæ  бастдзинадæй.  Баззадис ма дзы  тæрхондоны реормæ, кæцыйыл уыдис æндæр æмæ æндæр позицитæ. Уый тыххæй дæр, куы слæууыд  фарста, цæмæй  цыдæр  проблемæ ис гæнæн ац  хæсы æрдгæй  сæвзæра, уæд рахастам уынаффæ  цæмæй  кæцы  хæсыл зæгъæм  нæй?!  Нæзагъд ракодтам  ахæм хæсыл, кæцыйæн дæр уыд риск  цæмæй  нын æй  нæ  рарвыстаиккой» – райхъусын кодта Какауридзе.