Финансон-бюджетон комитет абон байхъусдзæн Националон Банчы афæдзон хыгъдлæвæрдмæ
Гуырдзыстоны парламенты финансон-бюджетон комитеты абоны рабадтыл байхъусдзысты Гуырдзыстоны Националон Банчы бавдыст 2017 азы хыгъдлæвæрдмæ.
Комитеты сæрдары Ираклий Ковзанадзейы фидиуæнæй, уымæн, Нациоанлон Банчы президент Коба Гвенетадземæ ис фарстатæ банкон цæстдаруатмæ гæсгæ. Ираклий Ковзанадзейы ныхæстæм гæсгæ, уый афтæдæрбаинтерес уыдзæн иубонон кредитон аукционы темæйæ.
«Абон фендзыстæм Националон Банчы фиццаг хыгъдлæвæрд æхцайæ-кредитон æмæ валютон политикæйы фæдыл. Практиконæй ай у афæдзы иуæй-иу сæйраг фарста Националон Банкъæн. Нысаниуæгджын байхъусыт уыдзæн. Ис нæм фарстатæ коммерцион банкхон секторы банкъон цæстдарынады тыххæй, финансон æнæцудгæдзинады фарстытыл, афæтма бæрзонд инфляцийы тæххæй» расидтис Ираклий Ковзанадзе.
Парламентн къаддæртæ Националон Банчы куыстæн æппæрццаг аргъ дæттынц. Оппозициы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, иуæй-иу фарста, кæцыйы тыххæй абон Коба Гвенетадзейы фæрсдзысты, уыдзæн кредитты алæвæрды фæзындæр кæнын.