Филлипп Рикер – æнгом коммуникацийы стæм Тбилисы нæ минæварадимæ, кæцы активон рол æххæст кæны 19 апрелыбадзырды æххæст имплементацийæн, уый Гуырдзыстонæн у диссаджы фадат
Мах адарддæр кæндзыстæм регулярон диалог æмæ бадзырдтæ Гуырдзыстонимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг æнгом коммуникацийы стæм Тбилисы нæ минæварадимæ, кæцы активон рол æххæст кæны 19 апрелы бадзырды æххæст имплементацийы, – уый фæдыл Европæ æмæ Евразийы фарстæты Америкæйы Иугонд Штатты паддзахадон нымæрдары æххуысгæнæгы хæстæ æххæстгæнæг, Филлип Рикер Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
Рикеры дзырдæй, зæгъгæ Америкæ активон адарддæр кæндзæн Гуырдзыстонæн фарсхæцын.
«Мæнæн стыр цыт уыд мæ хæлары, мæ коллегæ Давит Залкалианийы фенын, уый фæфарстон æй паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкены номæй æмæ афтæдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, загътон йын президент Байдены арфæйы ныхæстæ премьермæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ мæ визит регионмæ уыд тынг пайдаджын, фæстаг рæстæгон фæзындты айтынг аййафын бафæрæзтам. Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Кавказы регион приоритетон у махæн. Адарддæр кæндзыстæм нæ регулярон диалог æмæ бадзырдтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг æнгом коммуникацийы стæм Тбилисы нæ минæварадимæ, кæцы активон рол æххæст кæны 19 апрелы бадзырды æххæст имплементацийæн. Уый у диссаджы фадат Гуырдзыстонæн, цæмæй адарддæр кæна размæ цыд æмæ мах дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, абсолютонæй нымайæм Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад, суверенитет æмæ стабилон рæзгæ демократийы æнтыстимæ», – райхъусын кодта Филлипп Рикер.